Цхинвалы снысан кодтой ном "Горæты цытджын æмбæстаг"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрад официалон æгъдауæй снысан кодта ном "Горæт-хъайтар Цхинвалы цытджын æмбæстаг", фехъусын кодта къуырисæры министрады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, цытджын ном кæй дæтдзысты, Цхинвалы хæрзæбоны сæраппонд удуæлдай куыст чи кодта, уыдонæн.
Министрады бахахх кодтой, кæй сфидар кодтой ацы цытджын ном раттыны фæткæвæрд, афтæ ма сбæрæг кодтой, хорзæх кæмæн радтой, уыдоны бартæ æмæ привилегитæ, афтæ ма хорзæх дæттыны церемонийы процедурæ.