ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ фехстой Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ ныгуылӕйнаг техникӕ кӕуылты ластой, уыцы ӕфсӕнвӕндагон иинфраструктурӕ, фехъусын кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.
"Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхты оперативон-тактикон авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллерийы руаджы куынӕг ӕрцыдысты ӕфсӕддон аэродромтӕ ӕмӕ ӕфсӕнвӕндагон объекттӕ, уыдоны уылты Украинӕ ласта ныгуылӕйнаг техникӕ", - банысан кодтой министрады.
Афтӕ ма уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой знаджы удӕгас тыхтӕ ӕмӕ хӕстон техникӕйы лӕууӕн бынӕттӕ 147 районы.