Громы хъæуы хъаугъайы фæстиуæгæн кардæй цæфтæ райста 87-аздзыд бынæттон цæрæг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Громы хъæуы 87-аздзыд цæрæг райста кардæй цæфтæ йе ‘мхъæуккагимæ хылы фæстиуæгæн, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Милицийы оперативон-фæдагуырдон къорд æрцыд цауы бынатмæ æмæ сбæрæг кодта, æртыццæджы изæры 87-аздзыд бынæттон цæрæг кæй фæхыл 51-аздзыд цæрæг нæлгоймагимæ æмæ уый фæстиуæгæн райста кардæй цæфтæ, радзырдтой уагдоны.
"Зианбаййафæг райста бирæнымæц кардæй цæфтæ", - банысан кодтой министрады.
Зæрдæхсайгæ уыд нозтджын, цауы фæдыл басгæрст дарддæр цæуы, бафтыдтой уагдоны.