ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй.
Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл регистраци ӕрцыд цыппар фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ)-ы. Авариты фӕстиуӕгӕн буары цӕфтӕ райста иу адӕймаг, фӕлӕ йӕ госпитализаци нӕ бахъуыд.
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 318 фӕткхалды. Фондз шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр уыцы период республикӕйы территорийыл регистраци ӕрцыд иу фыдракӕнд, уый раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ.
Алыгъуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахтой фондз адӕймаджы.