"Гуырдзыстоны хъуыддæгты дæр хъуамæ бабыра": Алиев Макроны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik. Францы президент Эммануэль Макрон бар дардта Гуырдзыстоны змæстытæм, радзырдта Азербайджаны президент Ильхам Алиев, Дмитрий Киселевæн цы интервью радта, уым.
"Хорз у, æмæ ныр уавæр (Гуырдзыстоны. – ред. фип.) цадæггай нывыл кæны. Æмæ, кæсут, ам дæр та Макроны фæд зыны. Йæхи бæстæйы бадын нæ зоны, æнæмæнг хъуамæ Гуырдзыстонмæ дæр бабыра", – загъта Алиев.
Уыимæ бафиппайдта, Гуырдзыстон Азербайджаны партнер æмæ хæлар кæй у, уымæ гæсгæ уавæры дестабилизаци æмхуызон зианхæссæг у дыууæ бæстæйæн дæр.
Ноябры кæрон Гуырдзыстоны премьер-министр Иракли Кобахидзе фехъусын кодта, 2028 азмæ Евроцæдисмæ бахизыныл кæй нал архайдзысты. Уый расайдта змæстытæ.