ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы рабадтыл рахаста уынаффӕ улӕфт бонтӕ расидыны фӕдыл.
Республикӕйы фӕллойады министр Гаглойты Олегы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кусгӕ бон 30 декабрӕй (къуырисӕр) хаст цӕуы 28 декабрмӕ (сабат).
Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ ныр улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл – 29-ӕй 31-ӕм декабрмӕ.
Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой ацы уынаффӕ.