ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны каратисттӕ хайад райсдзысты XX Ӕхсӕнадӕмон Спартакиадӕйы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн тренер Дзабиты Артем.
Егъау спортивон мадзал ацӕудзӕн Уфайы 19-ӕй 23-ӕм декабрмӕ. Хайад дзы райсдзысты 3500 спортсмены Уӕрӕсейы 50 регион ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй алыгъуызон дисциплинӕты^ дзюдо, каратэ, самбо ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
"Хуссар Ирыстонӕй ерыстӕм цӕуынц аст спортсмены. Мах фӕнд кӕнӕм турниры фӕлгӕтты архайын ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты ӕппӕтстилон каратэйӕ, ӕхсӕнадӕмон ерысты форматы та – фри-комбат ӕмӕ ориентал-комбат дисциплинӕты", - загъта Дзабиты Артем.
Спартакиадӕйы фӕлгӕтты Уфайы 20 спортивон фӕзуатыл ацӕудзысты ерыстӕ, фестивалон программӕтӕ ӕмӕ ралӕудтӕ спортивон ӕмтохӕдты 30 хуызӕй.