Цӕгат Иры цӕрджытӕ алыхатт дӕр хъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ – Путин

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕ алыхатт дӕр хъахъхъӕдтой сӕ Фыдыбӕстӕ, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин.
"Цӕгат Ирыстон алыхатт дӕр уыд Уӕрӕсейы форпост. Мах ӕй зонӕм, цы ахаст дарынц республикӕйы цӕрджытӕ куыд сӕ чысыл Райгуырӕн бӕстӕмӕ, афтӕ нӕ иумӕйаг Фыдыбӕстӕ – Уӕрӕсемӕ дӕр. Ирӕттӕ иттӕг хорз ӕхххӕст кодтой сӕ Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕныны хӕс", - банысан кодта Владимир Путин.
Мӕскуыйы цӕуы Владимир Путины комкоммӕ лини ӕмӕ пресс-конференци. Паддзахады сӕргълӕууӕг комкоммӕ эфиры хатдзӕгтӕ скодта ивгъуыз азӕн ӕмӕ дзуапп кӕны журналисттӕ ӕмӕ уӕрӕсейӕгты фарстытыл.
Мадзал цӕуы Мӕскуыйы Гостиный дворы – ацы ран ӕрӕмбырд сты журналисттӕ, се ‘хсӕн фӕсарӕйнаг прессӕйы минӕвӕрттӕ дӕр.