Гаглойты Алан фембæлд СÆО-йы фæмардуæвæг хæстонты бинонтимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) фæмардуæвæг хæстонты бинонтимæ.
Мадзалы ма хайад райстой РХИ сывæллæтты омбудсмен Джиоты Аэлита æмæ паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Плиты Алан.
Фембæлды рæстæджы Гаглойты Алан тæфæрфæс ракодта фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад алыхатт дæр цæттæ кæй у æххуыс кæнын сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ æмæ сæ бинонтæн.
"Хъыгагæн, алкæй царды дæр уæ æрцыд трагеди. Рæстæг иннæрдæм фæзилæн нæй, фæлæ республикæйы къухдариуæгады фæнды фенцондæр кæнын уæ сывæллæтты царды уавæртæ. Уый у нæ паддзахады хæс", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Фембæлды кæрон президенты номæй сывæллæттæн радтой ногазон лæвæрттæ, афтæ ма сын бакодтой иухаттон материалон æххуыс.