Коцойты Зелимы раразмӕ кодтой "Азы хуыздӕр дзюдоист"-ы хорзӕхмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Коцойты Зелимы раразмӕ кодтой "Азы хуыздӕр дзюдоист"-ы хорзӕхмӕ Дзюдойы ӕхсӕнадӕмон федерацийы версимӕ гӕсгӕ.
Ирон дзюдоист ацӕугӕ аз рамбылдта сыгъзӕрин майдан дунейы чемпионаты ӕмӕ Олимпиаг хъӕзтыты Парижы.
Коцойты Зелимӕй дарддӕр хорзӕх райсыны претендент у ноджы иу ирон дзюдоист – Цыккаты Зелим. Спортсмены раразмӕ кодтой "Азы иппон" номинацийы.
Коцойты Зелим ӕмӕ Цыккаты Зелимыл схъӕлӕс кӕнын гӕнӕн ис Дзюдойы ӕхсӕнадӕмон федерацийы официалон сайтыл judo.tv. Хъӕлӕскӕнынад цӕудзӕн 10 январы онг. Хорзӕхтӕ раттыны церемони та ацӕудзӕн фидӕн аз февралы райдианы.