Цхинвалы фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой миграцион закъондӕттынад фехалыны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Миграцийы фарстыты фӕдыл фӕткдаруат ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ Цхинвалы иумӕйаг рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой миграцион закъондӕттынады фехӕлдтӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фӕткдаруаты инспектортӕ ӕдӕппӕт басгӕрстой 10 фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы.
"Милицийы кусджытӕ фӕткхалӕджы фӕдыл сарӕзтой административон протокол ӕмӕ йын ныр бафидын кӕндзысты ивар", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.