Гасситы Знауыры схорзæхджын кодтой "Во Славу Осетии" майданæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло радта Хуссар Ирыстоны минæварæн Уæрæсейы Гасситы Знауырæн "Во Славу Осетии" майдан. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы минæварады пресс-службæ.
"Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы раз сгуыхтдзинæдтæ æмæ бирæазон пайдаджын куысты тыххæй Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр хорзæхджын æрцыд "Во Славу Осетии" майданæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сергей Меняйлойы зæрдæ загъта Гасситы Знауырæн дарддæры æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн.
Гасситы Знауыр бузныг загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæн ахæм бæрзонд хорзæхы аккаг æй кæй скодтой, уый тыххæй.