Цхинвалы скъола-интернаты бакодтой ногазон назбæлас

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы скъола-интернаты майрæмбоны бæрæгбонон церемонийы рæстæджы бакодтой ногазон назбæлас.
Скъолайы хъомылгæнинæгтæн Ног азы цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Цхинвалы скъола-интернаты бакодтой ногазон назбæлас
"Мæн дисы бафтыдта сывæллæты курдиат. Уæззау рæстæг у ныр, фæлæ ацы сабитæн ноджы уæззаудæр хъысмæт ис. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй уой аккаг адæм æмæ сæ мах та сæрыстыр стæм", - банысан кодта президент.
Паддзахады сæргълæууæгимæ мадзалмæ æрбацыдысты ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан æмæ президенты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тыбылты Алан. Бæрæгбонон программæйы уыдысты ахуырдзауты кафæн æмæ вокалон ирд номыртæ.
Цхинвалы скъола-интернаты бакодтой ногазон назбæлас