Гаглойты Алан: дунейы цӕуынц нӕ бон кӕуыл нӕу бандавын, ахӕм процесстӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады архайды 2024 азы саргъ кӕндзысты адӕм, загъта президент Гаглойты Алан йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацӕугӕ аз уыд зын, бахъуыд скъуыддзаг кӕнын хӕслӕвӕрдтӕ уӕззау уавӕрты, фӕлӕ иумӕйаг куысты руаджы бирӕ бантысты саразын.

"Дунейы цӕуынц нӕ бон кӕуыл нӕу бандавын, ахӕм процесстӕ. Хӕст у хӕст, истори фӕлхатт кӕны. Нӕ фыды фыдтӕ хъахъхъӕдтой нӕ ирд фидӕн стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты, ныр та уый ногӕй аразынц нӕ ирон ӕмӕ уырыссаг хӕстонтӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы", - загъта Гаглойты Алан.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны йӕ сомбон кӕй бӕтты ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсеимӕ.