Ахуыргонд радзырдта, ирӕтты фыдӕлтӕ Ног аз куыд нысан кодтой, уый тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik. Ирӕтты фыдӕлтӕ нысан кодтой Ног аз уалдзӕджы, уый баст уыд хъӕууонхӕдзарадон циклы райдианимӕ, радзырдта Sputnik-ӕн этнограф, журналист, историон зонӕдты кандидат Хъуылымбегты Роберт.
"Адӕмон традицитӕ баст сты хъӕууонхӕдзарадон куыстытимӕ. Азы райдиан у хъӕууонхӕдзарадон куыстыты райдиан – ома уалдзӕг. Уалдзӕджы ӕрдз райхъал вӕййы, ӕмӕ адӕм бавналынц сӕ куыстытӕм", - банысан кодта ахуыргонд.
Хъуылымбегты Роберт бахахх кодта, ныры рӕстӕджы фӕсивӕд кӕй фӕлвары сӕндидзын кӕнын Ног аз нысан кӕныны рагон традицитӕ.
Афтӕ ма ахуыргонд бафтыдта, зӕгъгӕ, Ног азы нырыккон бӕрӕгбон январы баст у чырыстон динимӕ, ӕмӕ уый сфидар ис адӕмон традициты.