ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik. Мӕскуыйы концертон зал "Зарядье"-йы 13-15 январы ацӕудзысты Мариинаг театры симфонион оркестры гастрольтӕ, дирижер уыдзӕн маэстро Гергиты Валерий, фехъусын кодта театры пресс-службӕ.
Публикӕ байхъусдзӕн европейаг музыкалон классикӕмӕ: Бетховен, Брамс ӕмӕ Брункнеры симфонитӕ, Вагнеры оперӕ "Тристан и Изольда"-йы фрагменттӕ, Брамсы "Немыцаг реквием". Гастрольтӕ райдайдзысты Бетховены ӕхсӕзӕм симфони ӕмӕ Брамсы цыппӕрӕм симфонийӕ.