ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад 2024 азы адресон æххуыс бакодта 527 æххуысхъуаг æмбæстагæн 6,4 милуан сомы суммæйæн, фехъусын кодтой уагдоны.
"Социалон æххуыс райстой 527 æххуысхъуаг бинонтæ, сæ нымæцы: I къорды инвалидтæ, 1989-йæ 2009 азмæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы цæфтæ чи райста, уыдонæй II къорды инвалидтæ, сабибонтæй инвалидтæ, бирæсывæллонджын бинонтæ, фæмардуæвджыты бинонтæ, сидзæртæ æмæ уæззау царды уавæрты бахауæг æмбæстæгтæ", - банысан кодтой министрады.
Æххуысхъуаг бинонтæн фиддонты суммæ бæрæг кæны къамис æмбæстæгты финансон æмæ царды уæззау уавæртæ хынцгæйæ.