ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Стыр фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн фиддонтӕ райсдзысты Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ дӕр.
Уӕрӕсейы президент Владимир Путины ӕмбӕлон барлӕвӕрд мыхуыр ӕрцыд барадон актты официалон порталы.
"Стыр фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилейы цытӕн рахастон уынаффӕ: снысан кӕнын 2025 азы апрель-майы иухаттон фиддонтӕ Уӕрӕсейы Федераци, Латви, Литва, Эстони, Абхаз, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Днестыргӕроны цӕрӕг уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтӕн", - дзырдӕуы документы.
Фиддонтӕ ӕмбӕстӕгтӕн ратдзысты 2025 азы апрель-майы.