ЦХИНВАЛ, 16 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры фӕсарӕйнаг маркӕйы хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд нырма иу хӕдтулгӕйыл, стӕй та йӕ ныхмӕ цӕуӕг хӕдтулгӕйыл, уый фӕстӕ бахаудта тротуармӕ, радзырдтой республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады (МХМ).
Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд ӕртыццӕджы 21.45 сахатыл Джиоты Аланы проспектыл.
"TOYOTA MARK X хӕдтулгӕйы шофыр, столицӕйы 31-аздзыд цӕрӕг нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ бахафта TOYOTA ALPHARD, уый фӕстӕ рахызт ныхмӕцӕуӕн тагмӕ ӕмӕ сӕмбӕлд VOLVO хӕдтулгӕйыл ӕмӕ бахауд тротуармӕ", - радзырдтой министрады.
Аварийы фӕстиуӕгӕн зинабаййафджытӕ нӕй, хӕдтулгӕтӕ райстой механикон цӕфтӕ, бафтыдтой министрады.