ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Мариинаг театры концертмейстер Тадтаты Анна æмæ йе ‘фсымæр Тадтаты Григорий фæнд кæнынц раттын концерт Хуссар Ирыстоны. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Тадтаты Анна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон бавдисдзысты цалдæр программæйы æввахс рæстæджы.
Афтæ ма Тадтаты Анна фæнд кæны сорганизаци кæнын ралæудтæ Мариинаг театры вокалисттимæ дæр.
"Уырны мæ, кæй нæм æнхъæлмæ кæсынц диссаджы концерттæ. Мах ууыл кусдзыстæм", - бахахх кодта Тадтаты Анна.