Дзауы сараздзысты аргъуан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы центры сараздзысты Ӕппӕт Сыгъдӕгты аргъуан. Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Симон радзырдта Sputnik-ӕн, аргъуан араздзысты епархийы тыхтӕй хӕрзгӕнджыты ӕххуысӕй.
"Махӕн ныридӕгӕн цӕттӕ у проект ӕмӕ нын рахицӕн кодтой зӕххы фадыг Дзауы центры. Проект сарӕзта бынӕттон архитектор ӕмӕ йӕ хорзыл банымадта епископ", - фехъусын кодта фыд Симон.
Динамонӕг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, финанскӕнынадимӕ проблемӕтӕ нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ бирӕты бафӕндыд баххуыс кӕнын аргъуаны арӕзтадӕн.