УФ Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ иу ӕхсӕвмӕ ӕрыппӕрстой 32 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты Уӕрӕсейы фондз регионы территорийы, фехъусын кодта къуырисӕры Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕвы дӕргъы скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты: уыдонӕй фондз – Воронежы областы территорийы, 11 – Белгороды областы, цыппар – Курскы областы, ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Орелы ӕмӕ Тверы областы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Путин радта 166 мотоӕхсӕн полкӕн ССРЦ дыууӕ хатты Хъайтар Плиты Иссӕйы ном