ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны январы мызд фиддзысты хайгай æмæ фæуыдзæн 15 февралы онг, фехъусын кодта финансты министр Тадтаты Дзамболат президент Гаглойты Аланы къухдариуæгады бын уæрæх рабадты рæстæджы.
Ахæм графикы руаджы цæудзæн æппæт уагдæтты финанскæнынад. Афтæ ма Уæрæсеимæ æхсæнхицауадон æмгуыстады фæлгæтты бафысдзысты бадзырдтæ къорд уагдоны финанскæнынады фæдыл.
"Ныридæгæн бафыстам бадзырд Уæлвæткон уавæрты министрадимæ, афтæ ма фæнд кæнæм бафыссын бадзырд Федералон таможнæйон службæимæ", - банысан кодта Тадтаты Дзамболат.
Уымæй дарддæр ма дзырд цæуы дыууæ аналогион бадзырдыл – Хъахъхъæнынады министрад æмæ Фæллойады министрады хаххыл.