ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Беслӕны фӕцис ӕфсӕнвӕндаджы станцы вокзалгӕрон фӕзуаты реконструкци, фехъусын кодта дыццӕджы республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Куыстытӕ райдыдтой 2024 азы июны.
"Ныр вокзалгӕрон фӕзуат ссис нырыккон ӕмӕ функционалон тыгъдад горӕты цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн", - банысан кодта Меняйло.
Афтӕ ма специалисттӕ сцалцӕг кодтой вокзалы территорийы цур цыртытӕ: Революци ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мемориалы раз фӕзындзӕн архитектурон рухсытӕ ӕмӕ ног бандӕттӕ.