Тедеты Олесяйы ссæрибар кодтой РХИ Соцфонды сæргълæууæджы бынатæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад ссæрибар кодта республикæйы Социалон фонды сæргълæууæджы бынатæй Тедеты Олесяйы.
Æмбæлон уынаффæ рахастæуыд хицауады рабадтыл æртыццæджы.
Тедеты Олеся уыд Соцфонды разамонæг 2021 азæй фæстæмæ.
Соцфонды сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн уагдоны сæргълæуæджы хæдивæг Хæбæлаты Анжела.