Хуссар Иры æрцахстой гоймæгты хæцæнгарз æмæ наркотиктимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ) æмæ Паддзахадон æдасдзинады (ПÆК) кусджытæ æрцахстой гоймæгты наркотиктæ æмæ хæцæнгарзимæ.
Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруаты постыл милицийы кусджытæ æмæ ПÆК арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой BMW хæдтулгæ, йæ шофыр уыд Цхинвалы 38-аздзыд цæрæг. Салоны ма уыд æртæ нæлгоймаджы: Цхинвалы дыууæ цæрæджы æмæ Краснодары крайы æмбæстаг.
"Хæдтулгæ æмæ пассажирты дзауматы басгæрсты рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ ссардтой: Макаровы дыууæ пистолеты хæстæрмæджытимæ; урс хуызы буарад æмæ "Габапентин"-ы æртæ капсулæйы", - дзырдæуы МХМ хъусинаджы.
Экспертизæ сбæлвырд кодта, урс хуызы буарад кæй уыд наркотик "Метадон", йæ массæ уыд 0,17 граммы.