ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн амард 78-аздзыд нӕлгоймаг.
"Орчъосаны хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгсирвӕзты фӕдыл хъусинаг ӕрбацыд Мидхъуыддӕгты министрадмӕ 22.00 сахатыл. Арт хуыссын кӕныны рӕстӕджы ссардӕуыд хӕдзары хицауы мӕрдон буар", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ ахуыссын кодтой арт.