ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд батальон "Сӕрмӕт"-ы командӕгӕнӕг Наниты Владимиримӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Мӕскуыйы дӕм рынчындонмӕ бӕрӕг кӕӕнынмӕ куы бацыдтӕн, уӕд мӕ дисы бафтыдта дӕ хъӕбатырдзинад. Алыхатт дӕр ӕхсызгон вӕййы уынын ӕмӕ ӕмбарын, куыд фидар удыхъӕды хицау сты нӕ лӕппутӕ. Сымах иууылдӕр стут хъайтардзинады дӕнцӕг", - загъта Гаглойты Алан.
Наниты Владимир бузныг загъта президентӕн сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы хӕстонтӕн ӕххуысы тыххӕй ӕмӕ радзырдта йӕ фидӕны нывӕстыты тыххӕй.
"Иуцъус рӕстӕг ма хӕдзары мӕ хиуӕттимӕ арвитдзӕн ӕмӕ стӕй фӕстӕмӕ ацӕудзӕн батальонмӕ", - загъта Владимир.
Паддзахады сӕргълӕууӕг баныфсӕвӕрдта хӕстонӕн, дарддӕр дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн не ‘фсӕддонтӕн сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы.