ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта кусӕгон фембӕлд РХИ Сбербанчы сӕргълӕууӕг Болататы Аланаимӕ, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд банкон системӕйы куысты актуалон фарстытыл, сӕ нымӕцы Хуссар Ирыстоны Социалон фондӕн кредиттӕ дӕттыны фарст, цӕмӕй пенситӕ рӕстӕгыл фидой.
"Пенсионерты нымӕц фылдӕр кӕны, уый фӕдыл фиддонтӕ кӕддӕрты фӕфӕстиат вӕййынц. Мах ӕмбарӕм, уымӕн кӕй ис объективон аххосӕгтӕ, фӕлӕ хъӕуы алцыдӕр саразын, цӕмӕй ӕмбӕстӕгтӕ рӕстӕгыл исой сӕ пенситӕ. Фӕллойады министрадимӕ аскъуыддзаг кӕнут Соцфондӕн кредиттӕ дӕттыны фарст. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын банкон секторы фадӕттӕ рауӕрӕх кӕныны фӕдыл хъӕппӕристӕм", - бахахх кодта президент.
Гаглойты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, хъӕуы стимул дӕттын бавӕрджытӕн, цӕмӕй банчы фылдӕр фӕрӕзтӕ зилой ӕмӕ фадӕттӕ фӕзына кредиттӕ дӕттынӕн.