Хуссар Иры раивтой Паддзахадон драмон театры разамынд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры ӕрцыд кадрон ивындзинӕдтӕ.
Театры директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй снысан кодтой Мамиты Григорийы. Аивадон разамонӕджы хӕстӕ та ӕххӕст кӕндзӕн Джелиты Хъазбег, Борис Щукины номыл театралон институты рауагъдон ӕмӕ Дыгуры драмон театры режиссер.
Джелиты Хъазбег
Культурӕйы министр Зӕгъойты Рада бамбарын кодта, ацы скъуыддзаг кӕй рахастой, цӕмӕй театры райрӕзт фӕтынгдӕр уа.
Зӕгъойты Рада бахахх кодта, Дзудцаты Тамерлан кӕй бахаста егъау хайбавӕрд театры рӕзтмӕ, фӕлӕ фӕстаг рӕстӕг уагдоны архайд ссис рутинӕ. Йӕ бынатӕй ацӕуыны фӕдыл скъуыддзаг райста раздӕры директор Гаглойты Артур дӕр.
Зӕгъойты Рада фидарӕй загъта, Джелиты Хъазбег кӕй ӕрбахӕсдзӕн ног цард ӕмӕ хъуыдытӕ сфӕлдыстадон процессмӕ ӕмӕ ӕрбаиу кӕндзӕн коллективы.