Цхинвалы бинонтӕ фӕхъӕстӕ сты газӕй – УУМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Сылгоймаг ӕмӕ ӕртӕ ӕнахъом сывӕллоны бакодтой рынчындонмӕ газӕй фӕхъӕстӕйы симптомтимӕ, фехъусын кодта дыццӕджы райсомӕй Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Бинонтӕ газӕй фӕхъӕстӕ сты Цхинвалы Коцты Грийы уынджы хисӕрмагонд хӕдзары, банысан кодтой уагдоны.
Цауы аххосӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц УУМ специалисттӕ, бафтыдтой уагдоны.