Цхинвалы администрацийы радзырдтой Мæскуыйаг микрорайоны зæлдфæлындæны нывæстыты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы микрорайн Мæскуыйаджы уалдзæджы ныссадздзысты сæдæ назбæласы, фехъусын кодта Sputnik-æн горæты хæрзарæзтады комитеты зæлдфæлындæны фæткдаруаты сæргълæууæг Пæррæстаты Ирина.
Ныртæккæ микрорайоны территори æфснайынц быронæй.
"Бæлæсты талатæ райсдзыстæм горæты алыварс хъæдтæй – уыдон сты æвзонг назбæлæстæ", - банысан кодта уый.
Ацы хъæппæрис хорзыл банымадта Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Алан.