Ирон хъæбысæйхæцджытæ рагуыхтысты æхсæнадæмон турниры Загребы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон богал Салхъазанты Таймураз рамбылдта сыгъзæрин майдан æхсæнадæмон рейтингон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй Загребы (Хорвати).
Салхъазанты Таймураз ерысты архайдта 74 килограммы уæзы категорийы. Таймураз турниры дæргъы йæ ныхмæлæуджытæн нæ радта иу балл дæр.
Хуссарирыстойнаг спортсмен Джиоты Арсений та рамбылдта æвзист майдан 86 килограммы уæзы категорийы. Арсений фидарæй бахæццæ финалмæ, фæлæ уым фæхæрд фæлтæрд америкæйаг хъæбысæйхæцæг Захид Валенсияйæн.
Ирыстоны ноджы иу минæвар Тъускаты Азæмæт ерысты рамбылдта бронзæйон майдан 57 килограммы уæзы категорийы.