Хуссар Иры Уӕлахизы бонмӕ сӕвӕрдзысты хӕсты тыххӕй спектакль

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 80 азы юбилеймӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театр сӕвӕрдзӕн ног спектакль – уый арӕзт цӕуы республикӕйы президент Гаглойты Аланы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта театры аивадон разамонӕг Джелыты Хъазбег.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 9 Майы фӕнд кӕнынц сӕвӕрын Виктор Розовы спектакль "Вечно живые".
"Уый у бинонты истори Стыр Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы", - банысан кодта Джелыты Хъазбег.
Аивадон разамонӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, фылдӕр рӕстӕг ын куы уыдаит, уӕд сӕвӕрдтаид спектакль Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ирон хъайтарты тыххӕй.