Цӕкулаты Батырбег рамбылдта бронзӕйон майдан ӕхсӕнадӕмон турниры Загребы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсмен Цӕкулаты Батырбег рамбылдта бронзӕйон майдан ӕхсӕнадӕмон рейтингон турниры Загребы (Хорвати).
Цӕкулаты Батырбег ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Словакийы спортивон кад. Ирон богал 97 килограммы уӕзы категорийы бронзӕйон майданыл тохы рамбылдта Рихард Вейы Венгрийӕ 10:0 хыгъдӕй.
Уый размӕ ӕхсӕнадӕмон турниры Загребы расгуыхтысты ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы – Салхъазанты Таймураз рамбылдта сыгъзӕрин майдан, Джиоты Арсений – ӕвзист ӕмӕ Тъускаты Азӕмӕт та бронзӕйон.