ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хъайтар Тасболат Ибрашев фӕмард сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы (СӔО). Уый тыххӕй хъусын кӕнынц ног хабӕртты каналтӕ.
Нысангонд ӕрцыд, уӕрӕсейаг ӕфсӕддолн кӕй фӕмард 2025 азы 3 февралы Харьковы областы горӕт Волчанскы.
Ибрашев хайад иста сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы куыд бархион 2023 азы сентбярӕй.
2008 азы августы дунейы телеканалты апарахат кадртӕ уӕрӕсейаг пулеметчикимӕ, уый сӕхгӕдта фӕндаг гуырдзиаг ӕфсӕддонты коллонӕйӕн.
Тасболат Ибрашев уыд Sputnik Хуссар Ирыстоны хӕлар. Агентады ӕрхуындӕй Ибрашев ӕрцыд республикӕмӕ 2019 азы. Уым ыл сӕмбӕлдысты куыд хъайтарыл ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодтой "За службу на страже мира в Южной Осетии" майданӕй.
Тасболат Ибрашев
© Sputnik / Наталья Айриян