Тыбылты Георгий рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турнир греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Загребы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон богал Тыбылты Георгий рамбылдта Ӕхсӕнадӕмон рейтингон турнир греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Загребы (Хорвати).
Тыбылты Георгий рамбылдта 60 килограммы уӕзы категорийы. Ирон хъӕбысхӕйхӕцӕг финалмӕ фӕндагыл нӕ радта иу балл дӕр йӕ ныхмӕлӕуджытӕн.
Сыгъзӕрин майданыл тохы Тыбылты Георгий рамбылдта дунейы архайгӕ чемпионы 23 азы кары спортсменты хсӕн Алишер Ганиевы 6:4 хыгъдӕй.
Тыбылты Георгийыл цӕуы 24 азы. Спортсмен у Европӕ ӕмӕ дунейыбронзӕйон чемпион. Ӕхсӕнадӕмон аренӕйы Тыбылты Георгий хъахъхъӕны Сербийы спортивон кад.