Фондз ирон хъæбысæйхæцæджы бахызтысты Уæрæсейы командæйы скондмæ 2025 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Фондз ирон спортсмены бахызтысты Уæрæсейы командæйы скондмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй 2025 азы.
Ирон хъæбысхæсты скъолайы лидертæ Сидахъты Зауырбег æмæ Найфонты Артур дарддæр хъахъхъæндзысты Уæрæсейы спортивон кад 74 æмæ 86 килограммы уæзы категориты. Ирыстоны æвзонг курдиатджындæр хъæбысæйхæцджытæй иу Гобаты Артем архайдзæн уæрæсейаг командæйы сконды 61 килограммы уæзы категорийы. Багаты Алан æмæ Козырты Сергей та бацахстой сæ бынæттæ командæйы сконды 92 æмæ 97 килограммы уæзы категорийы.
Ноджы ма дæс ирон хъæбысæйхæцæджы кæд сæйраг командæйы скондмæ нæ бахаудтой, уæддæр сты резервон командæйы: Тауитты Чермен (61 кг), Къизинты Дзамболат (65 кг), Хæдæрцаты Алик (65 кг), Байаты Давид (74 кг), Бетенаты Дэвид (79 кг), Цоколаты Алан (79 кг), Бадтаиты Александр (86кг), Чертхъоты Гурам (92 кг), Дзæгъиаты Сослан (97 кг) æмæ Дзугаты Давид (125 кг).