Хуссар Иры Ленингоры районы равзæрстой ветеранты Цæдисы ног разамонæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы ацыдысты хæсты, фæллойады, гарзджын тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты Цæдисы æвзæрстытæ. Цæдисы разамонæгæй æмхъæлæсæй равзæрстой Дриаты Гамлеты. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Ленингоры районы пресс-службæйы хистæр Кокойты Анжела.
Йæ раныхасы Дриаты Гамлет бузныг загъта æууæнчы тыххæй æмæ снысан кодта йæ куысты приоритеттæ.
"Уынаффæйы æмбырды хайад райста Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Уалыты Муртаз дæр. Уый раарфæ кодта Дриаты Гамлетæн æмæ йын йæ зæрдæ загъта æнтыстытæ йæ ног бынаты", - банысан кодта Кокойты Анжела.
Уынаффæйы æмбырды фылдæр хай дзырд цыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 80 азы юбилеймæ цæттæкæнынадыл.