ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ знон æхсæв æрыппæрстой 83 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, уыдонæн се ‘мбис Брянскы областы, фехъусын кодтой Хъахъхъæнынады министрады.
"Знон æхсæвы дæргъы Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой 83 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты", - дзыдæуы хъусинаджы.
Æнæпилотон тæхæг аппараттæй 37 скуынæг кодтой Брянскы областы территорийыл, фæйнæ 12 – Курскы æмæ Липецкы областты, фараст – Тверы областы, фæйнæ æртæ – Белгород, Калуга, Смоленск æмæ Воронежы областты территорийыл, уымæй дарддæр ма иу æнæпилотон тæхæг аппарат та æрыппæрстой Ростовы областы.