Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны арæны цæуы ИÆАМ хайадисджыты 123-æм фембæлд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Арæнгæрон хъæу Эргнеты майрæмбоны райсом райдыдта Инциденттæ ма `руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон, 13-æм, фембæлд.
Боны фæткмæ бахастой, фæстаг фембæлдæй нырмæ паддзахадон арæныл цы инциденттæ `рцыд, уыдон, афтæ ма гуманитарон фарстытæ. Æдзухон темæ ссис, закъоны сæрты ахизгæйæ, гуырдзиаг полици Уисты хъæуы цы блокпост сæвæрдта, уый дæр.
ИÆАМ-ы архайджыты фембæлдтæ цæуынц 2009 азæй фæстæмæ. Ахæм формат саразыныл бадзырдæуыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйаг дискусситы. Йæ нысан у дыууæ бæстæйы `хсæн æндыгъддзинад фæкъаддæр кæнынæн ахъаз кæнын.