"Сӕ нӕмттӕ фыст сты Хуссар Иры историйы": МСНК-ы сӕвзӕрды бон банысан кодтой Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) сӕвзӕрды 33-ӕм афӕдзы боны цытӕн ацыд бӕрӕгбонон ӕмбырд, уый райдыдта сӕрмагонд дӕлхайӕдӕн нывонд кинонывы равдыстӕй.
Уый фӕстӕ къорды архайгӕ кусджытӕ ӕмӕ ветерантӕ радзырдтой, уӕззау рӕстӕджы МСНК кӕй ӕрбаиу кодта нырма 13 хӕстоны.

"Фыццаг 13 хӕстоны уыдысты архайгӕ милиционертӕ. Гӕззаты Вадим МСНК арӕзтады иунӕг нӕ уыд, йӕ фарсмӕ лӕууыдысты Багаты Владик ӕмӕ Цхуырбаты Лев. Уыцы адӕм уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕрдӕйӕ сты Хуссар Ирыстоны адӕмимӕ", - радзырдта къорды ветеран Козаты Джемал.

МСНК командӕгӕнӕг Гӕбӕраты Алим бахахх кодта, зӕгъгӕ, ныры рӕстӕджы дӕр къордӕн ис ахсджиаг хӕстӕ мидӕггагон фӕтк хъахъхъӕныны фӕдыл.
МСНК-ы сӕвзӕрды бон банысан кодтой Цхинвалы
"Хъыгагӕн, махмӕ ис ахӕм адӕм, ӕмӕ куы нӕ тӕрсой, уӕд халдзысты закъон. МСНК у Ирыстоны сабырдзинады бындур", - загъта къорды командӕгӕнӕг.
Бӕрӕгбонон ӕмбырды рӕстӕджы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Гуызмӕзты Алан дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый сӕрыстыр у легендарон сӕрмагонд дӕлхайады рӕнхъыты кӕй службӕ кодта, уымӕй.
Республикӕйы президент Гаглойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны алыхатт дӕр хъуыды кӕндзысты йӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау йӕ цард чи снывонд кодта, уыцы хъайтарты нӕмттӕ.

"Абон нын экраныл равдыстой къорды куыст, фӕлӕ видеокадрты ис ӕрмӕстдӕр сӕ удуӕлдай куысты чысыл хай. Уӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны историйы. Уӕ командӕгӕнӕг абон загъта, МСНК кусджытӕ алыхатт дӕр кӕй уыдысты ныфс Хуссар Ирыстонӕн. Уадз ӕмӕ афтӕ уа алыхатт дӕр", - загъта президент.

Мадзалы кӕрон МСНК къорд кусӕджы схорзӕхджын кодтой паддзахадон ӕмӕ уагдонон хорзӕхтӕй.