ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Багаты Арслан хайад райсдзӕн Профессионалон хъӕбысхӕсты лигӕ PWL-8-ы турниры Алма-Атайы (Казахстан) 25 февралы.
Ацы турниры фӕлгӕтты Багаты Арслан фембӕлдзӕн дагестайнаг хъӕбысӕйхӕцӕг, Парижы Олимпиаг хъӕстыты чемпион Магомед Рамазановимӕ. Тох цӕудзӕн 86 килограммы уӕзы категорийы.
Хъӕбысӕйхӕцджытӕ рингыл фембӕлдысты 2023 азы Сидахъты Зауырбег ӕмӕ Абдулрашид Садулаевы ӕмгӕртты командӕты фембӕлды рӕстӕджы. Уӕд фӕуӕлахиз ирон спортсмен 4:0 хыгъдӕй.
Багаты Арслан ӕмӕ Магомед Рамазановӕй дарддӕр PWL-8 турниры хайад райсдзысты ӕндӕр номдзыд хъӕбысӕйхӕцджытӕ. Турниры хайадисджытӕ уыдзысты олимпиаг чемпионтӕ Заур Угуев ӕмӕ Кайл Снайдер, афтӕ ма дунейы чемпионтӕ Ахмед Усманов ӕмӕ Ризабек Айтмухан.