ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл Дзауы астӕуккаг скъолайы бӕстыхайы уӕлӕмхас корпус хъуамӕ радтой эксплуатацимӕ ног ахуырадон азы райдианы. Уый тыххӕй Гаглойты Алан фехъусын кодта районы хъӕуты администрацитӕ, бынӕттон скъолатӕ ӕмӕ медицинон уагдӕтты разамонджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
"Бӕстыхай эксплуатацимӕ хъуамӕ радтой сентябры, цӕмӕй ног ахуырадон азы сывӕллӕттӕ ахуыр кӕной иууыл хуыздӕр уавӕрты", - бахахх кодта президент.
Дзауы астӕуккаг скъолайы ахуыр кӕнынц 200 ахуырдзауӕй фылдӕр, сӕ нымӕцы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕ. Ног корпусы уыдзӕн нырыккон хӕрӕндон, цыппар къласон уаты ӕмӕ сфӕлдыстадон ӕрмадзтӕ.