Гаглойты Алан: Хуссар Иры Дзауы районы дыууӕ хъӕумӕ бауадздзысты газ ацы аз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хуыцъе ӕмӕ Гуфтайы хъӕутӕ райсдзысты ӕрдзон газ 2025 азы. Уый тыххӕй фехъусын кодта президент Гаглойты Алан районы хъӕуты администрацитӕ, бынӕттон скъолатӕ ӕмӕ медицинон уагдӕтты разамонджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Газификаци нырма аххӕссыд ӕрмӕстдӕр районон центр ӕмӕ йӕ алыварс цӕрӕн пункттыл.
"Куыстытӕ райдайдзысты боныгъӕд фадат куыддӕр радта, афтӕ", - банысан кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕг ма дыццӕджы бабӕрӕг кодта Дзауы поселочы Сбербанчы ног офис.