ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц митӕй Транскавказаг автомагистраль, иу ӕхсӕвмӕ Ручъы ӕфцӕджы ӕруарыд 40 сантиметры онг мит. Трассӕйыл фӕндагон змӕлд гом у ӕрмӕстдӕр рог транспортӕн зымӕгон цӕлхытимӕ, фехъусын кодта дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕ (УУМ).
Уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой знон изӕр.
"Иу ӕхсӕвмӕ Ручъы ӕфцӕджы ӕруарыд 40 сантиметры онг мит. Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц трассӕ митӕй", - банысан кодтой министрады.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.