ЦХИНВАЛ, 18 фев - Sputnik. Уæрæсейаг-америкæйаг бæрзонд æмвæзады баныхас райдыдта Эр-Рияды, хъусын кæны РИА Новости.
Фембæлды рæстæджы фæнд кæнынц æрныхас кæнын дыууæварсон ахастыты æппæт комплекс сцалцæг кæныныл, афтæ ма Уæрæсе æмæ Америкæйы Иугонд Штатты лидерты саммитмæ цæттæкæнынадыл – дыууæ бæстæйы разамонджыты фембæлды гæнæн ис ацæуа баныхас Украинæйы конфликт аиварс кæныны фæдыл.
Уæрæсейы ‘рдыгæй баныхасы хайад исынц УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг Сергей Лавров æмæ УФ президенты æххуысгæнæг Юрий Ушаков. Сæ ныхмæ фынгыл бадынц: Дональд Трампы æххуысгæнæг националон æдасдзинады фæдыл Майк Колтц, паддзахадон секретарь Марко Рубио æмæ америкæйаг лидеры специалист Æввахс Скæсæны фæдыл Стивен Уиткофф.