ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы дыккаг бон уары мит, йæ бæрзæнд ныр у 80 сантиметры онг. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Къуайсайы мэры хæстæ æххæстгæнæг Хуыгаты Ибрагим.
"Республикон трассæ сыгъдæг цæуы автомобилон фæндæгты арæзтады комитеты тыхтæй, уый фæдыл Къуайсайæн нырма ис бастдзинад Цхинвалимæ", - банысан кодта Хуыгаты Ибрагим.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ коммуналон службæтæ кусынц Къуайсайы уынгтæ ссыгъдæг кæныныл.
"Митуард куыддæр æрлæууа, афтæ службæтæ бавналдзысты Къуыдаргомы хъæутæм фæндæгтæ сыгъдæг кæнынмæ", - бахахх кодта мэр.
Хуссар Ирыстоны митуард райдыдта знон изæры æмæ нырма цæудзæн дыууæ боны дæргъы.