Цӕгат Иры сараздзысты реабилитацион центр СӔО-йы хайадисджытӕ ӕмӕ ветерантӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сараздзысты реабилитацион центр сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хайадисджытӕн ӕмӕ хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.

"Мах фӕнд кӕнӕм инвестор ӕмӕ Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрадимӕ саразын реабилитацон центр. Реабилитаци рацӕуыны фадат уыдзӕн СӔО хайадисджытӕн ӕмӕ хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн. Бынат равзӕрстам. Ныртӕккӕ цӕттӕ кӕнӕм ӕмбӕлон хъӕппӕрис ӕмӕ техникон хӕслӕвӕрд, цӕмӕй ӕрӕмных кӕнӕм ацы фарстытӕ", - радзырдта Меняйло регионы социалон-экономикон рӕзты фӕдыл пресс-конференцийы рӕстӕджы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн ис къорд бадзырды бӕрзонд технологион медицинон ӕххуысы фӕдыл. Марты ӕрцӕудзысты специалисттӕ, цӕмӕй райсой дарддӕры скъуыддзӕгтӕ.