Хуссар Иры президент æвæрццаг аргъ скодта Генпрокуратурæйы куыстæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан республикæйы генералон прокуратурæйы уæрæх коллегийы рæстæджы æвæрццаг аргъ скодта уагдоны куыстæн.

"Нæ республикæйы цæрджытæ хъуамæ фидарæй зоной, сæ куырдиæттæм сын объективонæй æмæ рæстæгыл кæй æркæсынц. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, прокуратурæйæн æнтысы æххæст кæнын йæ разы лæууæг хæслæвæрдтæ. Сымахыл ис егъау бæрндзинад. Уæхæдæг дæр æй тынг хорз æмбарут", - фехъусын кодта Гаглойты Алан.

Фембæлды рæстæджы æркастысты республикæйы фыдракæндты динамикæмæ, афтæ ма прокуратурæйы куыстмæ алыгъуызон къабазты закъонад æххæст кæныны фæдыл.